ДÆСНЫЙАДМÆ УАРЗТ РАТТЫ ÆВÆДЖИАУЫ ДЫРГЪТÆ. Газета "Владикавказ"
УФ-йы наукæйы сгуыхт архайæг, физикон æмæ математикон наукæты доктор, профессор Къусраты Георгийы фырт Анатоли бæрæг кæны йæ 70 азы юбилей.
Алы адæймагæн дар ис сæрмагонд ном. Ном, дам, фæкæсынмæ у, зæгъгæ, афтæ-иу дзырдтой нæ фыдæлтæ. Фæлæ уый бынтон раст нæу. Хорз лæгæн йæ ном нæ сæфы: цæргæйæ йын баззайы йæ мæлæты фæстæ дæр, сæдæгай, мингай азты дæргъы. Ахæмтæй фæзæгъынц, зæгъгæ, сæхицæн скодтой ном. Тынг дæрзæг, уæззау æмæ даргъ у уыцы фæндаг. Æмæ алкæй хæс дæр у рæстагæй, æнæфæцудгæйæ, йæ сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, йæхицæн йæ адæмы ʼхсæн рæсугъд, хорз ном скæнын, йæ фæстæ ныууадзын хорз хъуыддæгтæ æмæ фарны фæд.
Адæймаг та цæвиттойнаг вæййы, цы дæсныйады фæндагыл ныллæуы, уый йын æхцондзинад куы хæсса æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ ма йæ алфамбылайы цы адæм ис, уыдонæн дæр.
Хорзы ном хæссыныл бирæ фыдæбон кæй ис, уый хорз зоны, мæ абоны уацхъуыды ныхас кæуыл цæуы, уыцы фæзминаг, бирæ æвæрццæг миниуджытæй æххæст – Къусраты Анатоли. Йæ царды хабæрттæм кæсгæйæ, цæстыты раз ирдæй сысты, хуымæтæг адæмы ʼхсæнæй чи рацыд, цардмæ, адæммæ йæхи сæрмагонд цæстæнгас кæмæн ис, дунейы хъуыддæгтæн æмæ рæстдзинадæн йæхи барæнæй аргъ чи кæны, хорз æмæ æвзæр искæй ныхæстæй чи нæ зоны, ахæм адæймаг.
Кад æмæ цард æмбæлццæттæ сты – цас æмæ цас бантыстис Къусраты Анатолийæн! Физикон-математикон наукæты доктор, профессор, Уæрæсейы Федерацийы наукæйы сгуыхт архайæг, 300 наукон куысты автор, дыууын авд ахуыргæнæн чиныджы автор… æмæ афтæ дарддæр нымайæн ис Къусраты Анатолийы сгуыхтытæ. Уымæн ын саккаг кодтой Хæлардзинады орден æмæ бирæ æндæр хæрзиуджытæ.
Ахуыргæнæджы айдæн – йæ ахуыргæнинæгтæ. Кьусрайы-фырты ахуыргæнинæгтæй ныр бирæтæ систы хъуыстгонд математиктæ, кусынц æнтыстджынæй Уæрæсейы, Америкæйы Иугонд Штатты, Канадæйы, Израилы, Турчы. Се ʼхсæн – физикон-математикон наукæты æртæ докторы æмæ нудæс кандидаты.
Къусраты Анатоли райгуырд 14 февралы 1953 азы Хуссар Ирыстоны Громы хъæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты ахуыргæнджытæ, уый, бæгуыдæр фæзынд йæ цардвæндагыл. Цы хорз миниуджытæ йæм ис, уыдон, сæйраджыдæр йæ уд æмæ зондахасты сæвзæрдысты йæ мад Букуылты Оля æмæ йæ фыд Георгийы фæрцы. Уыдон никуы базивæг кодтой сæ фыртæн раст фæндаг бацамонынмæ. Кæдфæндыдæр уыдысты сæ фарсмæ, æмæ æвзонг лæппу æппынæдзух уыдта, мад æмæ фыд цы пайдайаг хъуыддæгтæ æххæст кодтой, уыдон.
Алы адæймагæн дæр ис нысан йæ царды. Йæ райгуырдæй фæстæмæ сывæллонæн ныййарæг мад бауарзын кæны Райгуырæн зæхх, йæ радтæг адæмы. Æмæ уыцы амындимæ райдайы фыццаг къахдзæфтæ кæнын царды фæндагыл. 1975 азы æнтыстджынæй каст фæци Новосибирскы университеты механикон-математикон факультет. Абон дæр æхцонæн мысы йæ ахуыры азтæ, уæлдайдæр та профессор Глеб Акимовы диссаджы лекцитæ. Глеб сси йæ наукон разамонæг æмæ 1979 азы Къусрайы-фырт 26-аздзыдæй бахъахъхъæдта йæ кандидатон диссертаци Сыбыры математикæйы университеты. Фæстæдæр уым, Новосибирскы, 33-аздзыдæй та – докторы диссертаци дæр. Зындгонд ахуыргонды иртасæн куыстытæ хъуыстгонд сты æнæхъæн дунейы дæр.
1991 азы сыздæхт Ирыстонмæ æмæ æрлæууыд ЦИПУ-йы математикон анализы кафедрæйы сæргъы. Дæсныйадмæ уарзт ратты æвæджиауы дыргътæ, гъе уымæн бафтыд афтæ бирæ Анатолийы къухы дæр. Дæсны разамынд кæны Дзæуджыхъæуы наукон центры коллективæн.
– Анатоли, нæ газеткæсджытæн ма нын цыбыртæй радзур Центры тыххæй. Цавæр фӕрнджын хъуыддæгтыл кусут, стæй уæм уал азы дæргъы цы ивддзинæдтæ æрцыд?
– Куыд зонæм, афтæмæй Дзæуджыхъæуы Наукон центрæн бындур æвæрд æрцыд 1994 азы уæды Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы Указмæ гæсгæ. Наукон центр уыцы рæстæг тынг ахсджиаг уыдис Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фарстатæ æххæст кæнынæн æмæ иумæйаг наукон-техникон политикæ аразыны мадзæлттæн.
Бирæ ивддзинæдтæ æрцыдис йæ куысты. 1997 азы йæ скодтой РЦИ-Аланийы Наукæ æмæ уæлдæр ахуырады паддзахадон комитет, 1998 азы та сси – Цæгат Ирыстоны Наукон центр.
2000 азы Уæрæсейы Наукæты академи æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ, центр ногæй ссис регионалон æмæ йæ схуыдтам Уæрæсейы Наукæты академийы Дзæуджыхъæуккаг Наукон центр, кæцы иу кæны, зонадон куыст чи кæны, уыцы гуманитарон, техникон æмæ бæлвырд наукæты къабæзты организациты.
Центры равзæрдæй дзы абонмæ зонадон куыст чи кæны, уыцы ахуыргæндтæн сæ къухы бирæ фæрнджын хъуыддæгтæ саразын бафтыд. Дзæуджыхъæуы Наукон центр æмгуыст кæны Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл социалон æмæ гуманитарон иртасæнты, Хуссар математикон æмæ биомедицинон иртасæнты институттимæ, Абайты Васойы номыл скифаг-алайнаг иртасæнты центримæ, Уæрæсейы Наукæты академийы Геофизикон службæйы филиалимæ, биотехнологон наукон-иртасæн æмæ комплексон наукон-иртасæн хайæдтимæ.
Сæйраг наукон-иртасæн куыстытæ иууылдæр арæзт сты нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтæн. Дзæуджыхъæуккаг Наукон центры æнтыстдзинæдтæ нæ бæстæйæн цы бирæ хорз хъуыддæгтæ æрхастой, уыцы бæрæггæнæнтæ ирдæй зынынц канд Уæрæсейы нæ, фæлæ дунеон наукæйы дæр.
– Центр арæзт æрцыд, бæстæ йæ тæккæ змæстыл куы уыд, уыцы рæстæджы, алцыдæр – кадавар. Куыдæй бафтыд уæ къухы ацы хъæппæрис?
– Ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азтæ æмтъеры æмæ алыхуызон хæстон быцæуты рæстæджытæ кæй уыдысты, уый сусæггаг никæмæн у. Нæ бæстæйы сабырдзинад æмæ экономикон уавæртæ куы фæцудыдтой, уæд ма кæй цы æндæвта, фæлæ уæддæр Ирыстоны куырыхон ахуыргæндтæ æмбæрстой, нывыл цард фæстæмæ йæ къæхтыл æрлæууын кæнæн кæй ис наукæйы фæрцы. Уыдон зыдтой æмæ дардмæ уыдтой, фидæн æнæ наукæйæ амондджын кæй нæ уыдзæн, уый, æмæ сарæзтой Наукон центр. Зæгæъæн ис, Уæрæсейы Федерацийы зонады ахсджиаг реформæты фæстæ, зонадон Центры фадæттæ бæрæгæй кæй фæивтой.
Реформæты фæстæ центрæн фæзынд фылдæр фадæттæ. Хуыцауы фæрцы, ныртæккæ Центры куыст цæуы æнтыстджынæй, ис нæм бирæ фæсивæд, сæ наукон куыстытæ бæрзонд æмвæзадыл кæмæн сты.
– Анатоли, педагогон наукæмæ та дын цавæр цæстæнгас ис? Йæ сæйрагдæр домæнтæм цавæр æууæлтæ хауы?
– Мæнмæ гæсгæ, нырыккон педагогон наукæ куыд домы, афтæмæй ахуыры процесс, фыццаджыдæр, хъуамæ æххæст кæна æртæ сæйраг хæсы: зонындзинæдтæ рæзын кæнын; сфæлдыстадон куыст кæнын æмæ æнæмæнг – хъомыладон куысты фæрцы хъæздыгдæр кæнын скъоладзауты миддуне. Цæмæй уыцы ахсджиаг æртæ хæсы æххæстгонд цæуой урокты, уый тыххæй программæтæм хъуамæ хаст цæуой, фыццаджыдæр – ахæм литературон уацмыстæ, егъау идейон, аивадон, эстетикон ахадындзинад кæмæн ис. Нырыккон скъолайы ма ахсджиаг бынат ахсы, кæй зæгъын æй хъæуы, хъомыладон куыст дæр. Фæлæ ацы хъуыддаг ныры заманы се ʼнцонтæй нæу.
– Анатоли, ирон æвзаджы абоны уавæр хорз зоныс, нал ыл дзурдзыстæм. Дæумæ гæсгæ, мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæн, фыццаджыдæр цы у сæ хæс?
– Мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытыл стыр хæс æвæрд ис æхсæнады раз. Уыдоны къухæй цардмæ цæуынц, рæстæджы домæнтæн дзуапп чи дæтты, æмæ уыимæ национ удыхъæд чи хъахъхъæны, ахæм фæзминаг фæлтæртæ. Ирон æвзаджы ахуыргæнджытæй бирæтæ сæ куыстмæ бæрнон цæстæй кæсынц, сфæлдыстадон арæхстдзинадæй пайда кæнынц рæзгæ фæлтæримæ архайгæйæ. Уыдонæн æнтыстджындæрæй бафты сæ къухы, сæ хъомылгæнинæгты зæрдæты райгуырæн бæстæмæ, мадæлон æвзагмæ уарзондзинад райгуырын кæнын. Мадæлон æвзаг бауарзынæн та, æвдадзы хосау, пайда у адæмон сфæлдыстад, хъæздыг аив литературæ.
Ахуырдзауты æргом тынгдæр аздахын хъæуы, национ дунеæмбарынад цы у, уымæ, стæй национ культурæйы хæзнатæн аргъ кæнынмæ.
– Мадæлон æвзаг бауарзынæн нæ, фæлæ ма аив литературæ стыр ахъаз у хъомыладæн дæр æви рæдийын?
– Тынг раст фиппаинаг. Бæрзонд хъомылад ис нæ фыдæлты æгъдæутты, аивадон литературæйы, адæмон сфæлдыстады, нæ удварны хæзнаты, сæйрагдæр – адæмон сфæлдыстады. Æрмæст Нарты кадджытæй дæр цас фæхъæздыгдæргæнæн ис скъоладзауы миддуне. Нæ фыдæлтæн «ахуыргæнæг» цы эпос уыд, уый абон мах дæр бирæ цæуылдæрты сахуыр кæндзæн. Кæцы скъоладзауы нæ бафæнддзæн Нарты Уырызмæг, Батрадз, Сосланы хуызæн хъæбатыр уæвын, хиуыл хæцын фæразын, рæстдзинадыл дзурын, хистæрæн кад кæнын, сылгоймагæн аргъ кæнын.
– Анатоли, бузныг. Уырны мæ, дæ дзуаппытæй дын, чи сæ бакæса, уыдон кæй скæндзысты раст хатдзæгтæ.
Амондджын сты, уарзондзинадæн стыр кад чи кæны, цырагъау ын æрхуыссынæй чи тæрсы, царды сын цы æвзаринаг вæййы, уый æмдих чи кæны. Дыууæ цардæмбалы – Анатоли æмæ Раяйы Дунескæнæг кæрæдзийæн кæй сфæлдыста, уый дызæрдыггаг никæмæн у. Сæ кады нæмттæ сын сæ байзæддаг – Зæлинæ, Оля æмæ Сослан кад æмæ радимæ хæссынц.
Адæймаг – адæмы фæдон, стыр хæрзты бацыд Къусраты Анатоли йæ раттæг дзыллæйæн æмæ йæ ис адæмы хорзæх. Гъе, уымæн ын кæнынц зæрдиаг арфæтæ йе ʼмкусджытимæ нæ адæмы хуыздæр минæвæрттæ. Æрцæуæнт дыл иууылдæр, Анатоли, афтæмæй цæрынæй бафсæд, дæ удæн адджын чи у, уыдонимæ нæ урс хæхты дæлбазыр! Дæ къухы бафтæнт ног уæлахизтæ!
ФАРС БАЦÆТТÆ КОДТА КЪУДУХТЫ МАРИНÆ
Материал опубликован на сайте газеты "Владикавказ" от 14.02.2023г.