Репортаж «Осетия-Ирыстон». Сылгоймаг наукæйы, æрхъуыдыджын скъоладзау æмæ ирон аргъæуттæ
Бирæтæм афтæ кæсы, æмæ наукæйы æрмæст нæлгоймæгтæ кæй хъуамæ уой. Фæлæ историйыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд дзы сылгоймæгты бавæрæн дæр къаддæр нæу. Нæ студийы уазджытимæ дзырдтам, наукæйы цы сылгоймæгтæ ис, уыдоны профессионалон боныл. Ацы темæ нын фадат радта ноджыдæр ма иу æрхъуыдыджын адæймагимæ базонгæ уæвынæн. Нырма скъоладзау у, фæлæ ныридæгæн йæ зонд цы кæрды, уыдонмæ кæсгæйæ адæймаг фæныфсджын вæййы. Гæнæн ис, æмæ уæ базонгæ кæндзыстæм, искæд йæ ном кæмæн айхъуысдзæн, ахæм лæппуимæ. Хонæм ма уæ аргъæутты дунемæ дæр. Равзæрстам, ирон сфæлдыстадон къæбицы тæрхæджытыл бæрæг чи дары, уыцы хай. Æма мачи зæгъæд, аргъау æрхъуыды кæнын уадиссаг нæу, зæгъгæ. Цы арф хъуыды фæхæссы, уый ахады рæзгæ фæлтæры зондахастыл. Цардаразджытæ та фидæны уыдон уыдзысты.
Материал опубликован на сайте НТК "Осетия-Ирыстон" от 11.02.2025 г.