1. Пресс-центр
  2. СМИ о ВНЦ
  3. Æрдзон бœллœхтœй нœхи бахъахъхъœнœм

Æрдзон бœллœхтœй нœхи бахъахъхъœнœм

Сентябрь 19, 2012 Просмотров: 198
«Рœстдзинад», №170 2012 азы 19 сентябрь

Дедегкаты Зœлинœ

Дœс азы рацыд, Хъœрмœдоны цы œрдзон стыр фыдбœллœх œрцыд, ууыл – ракалд œмœ 125 адœймаджы цард аскъуыдта Хъолайы цъити. Ахœм бœллœхœн рагацау базонœн уыд œви нœ, цъити дарддœр йœхи куыд дардзœн, цавœр тасдзинад хœссы йемœ фидœны – œппœт ацы œмœ œндœр фарстатœ абон дœр тыхсын кœнынц ахуыргœндты, Ирыстоны цœрœг адœмы.

Фарстатœн дзуапп радтыны нысанимœ знон Цœгат Кавказы паддзахадон технологон университеты арœзт œрцыд œппœтдунеон зонадон форум «Ледник Колка: наблюдения, исследования, прогнозы». Йœ куысты архайдта форумы организацион комитеты œмсœрдар, РЦИ-Аланийы Хицауады Сœрдары хœдивœг Таболты Сергей.

Нœ республикœйы Сœргълœууœджы, стœй Парламенты œмœ Хицауады номœй уый арфœ ракодта форумы архайджытœн. Таболты Сергейы ныхасмœ гœсгœ, форумы архайджыты хъуыдытœ, сœ фœлтœрддзинад пайда уыдзысты фидœны ахœм œрдзон стыр бœллœх не 'руадзынœн œмœ адœмы œдасдзинад бахъахъхъœнынœн.

Хъолайы цъитийы ракалдыл рацыд 10 азы. Уыцы 10 азы дœргъы арœзт œрцыд бœрœггœнœн œмœ зонадон бирœ куыстытœ, ахуыргœндтœ раргом кодтой, œрдзон бœллœх цœй аххосœй œрцыд, уый тыххœй алыхуызон гипотезœтœ, фœлœ, бœллœх не 'руадзœн œмœ адœмы цард бахъахъхъœнœн уыд œви нœ – уыцы фарстœн абон дœр дзуапп нœй.

Ахуыргœндты нымадмœ гœсгœ, Хъолайы цъитийы ракалд у диссаджы œрдзон фœзынд. Ныртœккœ Хъœрмœдоны иудадзыг кусынц Дзœуджыхъœуы наукон центры, стœй Геофизикон бœрœггœнœнты центры специалисттœ, ахуыргœндтœ Швейцарийœ, Австрийœ œмœ Германœй. Æвœрд дзы œрцыд, зœххы œнкъуыстытœ чи œнкъары, ахœм сœрмагонд станцœ, арœзт цœуынц геодинамикон бœрœггœнœн куыстытœ.

Хъолайы цъити ныртœккœ кœд стыр нœма у, уœддœр гыццылгай стырдœргœнгœ цœудзœн. Æмœ, йœхи куыд дардзœн, уымœ иудадзыг хъœуы цœст дарын. Уый тыххœй та, Цœгат Кавказы паддзахадон технологон университеты проректор Гœбœраты Оледжы хъуыдымœ гœсгœ, хъœуы саразын мониторинджы сœрмагонд системœтœ, Уœрœсейы Наукœты Академийы œмвœзадыл чи куса, ахœмтœ.

Форумы куыст ахœсдзœн œртœ боны. Уыцы бонты арœзт œрцœудзысты секцитœм гœсгœ œмбырдтœ. Йœ архайджытœ бабœрœг кœндзысты, Джызœлы сœрмœ ихзœйы амœттœгтœн цы цыртдзœвœн арœзт œрцыд, уый, стœй ацœудзысты Хъœрмœдонмœ.