1. Пресс-центр
  2. СМИ о ВНЦ
  3. Статья д.и.н., в.н.с. СОИГСИ ВНЦ РАН И.Т. Цориевой в газете «Рæстдзинад»

Статья д.и.н., в.н.с. СОИГСИ ВНЦ РАН И.Т. Цориевой в газете «Рæстдзинад»

Декабрь 17, 2020 Просмотров: 244

Сфæлдыстады сæрибары фарст ахуыргонды хъысмæты

Сæргондмæ хаст фарстмæ æркæсыны размæ цалдæр ныхасы зæгъдзынæн сфæлдыстады сæрибары тыххæй. Æрдзы æмæ æхсæнады рæзты закъонты хатынады бындурыл адæймагæн ис хи фæндон равдисыны фадат, зæгъгæ, афтæ чи амоны, æмбарынад сæрибар ацы уацы ахæм философон æууæл нæ амоны. Бæлвырд историон уавæрты чи цæры, уыцы адæймаджы хъуыдыкæнынадон æмæ сфæлдыстадон архайд чи бæтты, ам сæрибар амонынц уыцы гæрæнты цухдзинады хуызы йæ бæлвырддæр, хуымæтæджы æмбарынады уагæй. Рæстæджы идеологон фæлгæты æддæ сфæлдыстады сæрибар чи нæ амыдта, раныхасы историон-хронологон ранымадæн советон æхсæнады уыцы тоталитарон фæткы æлдариуæгад гæрæнтæ кæй æвæры, уымæ гæсгæ ацы уацы ныхас цæудзæн æрмæст адæймаджы миддунейы, наукон иртасынады фæрæзы равзæрсты сæрибарыл.

Революцион-нывылгæнæн архайды фæрцы Уæрæсейы социалон-экономикон, политикон æмæ культурон хуыз цæхгæр куы ивта, Абайты Васо наукон куыстмæ бавнæлдта ивгъуыд æнусы уыцы ссæдзæм азты. Уыцы заман советон æвзагиртасынады фидар кæнын райдыдта Николай Марры "æвзаджы тыххæй ног ахуырад". Абайыфырт уыд Николай Марры ахуырдзау. Васо Бетъырбухы (Ленинграды) университеты æхсæнадон наукæты факультеты этнологон-æвзагон хайады дыккаг курсы студент куы уыд, уæд æй æрбахуыдтой йæ ахуыргæнæджы арæзт ядерон институты наукон кусæджы бынатмæ. Ахуырад æмæ æмгуыстады азтæ æрыгон ахуыргонды наукон зондахастыл, æнæмæнг, фæбæрæг сты.

Абайы-фырт Николай Марры ахуырадæй бирæ зонындзинæдтæ райста (зæгъæм, æвзæгты равзæрды æмæ сæ иукæнынады теоритæ, фæлæ Васо марризмы фæлгæты сæрты ахызт. Абаргæ æвзагиртасынад "буржуазон ахуырад" схонæг æмæ йыл хи атигъгæнæг хи ахуыргæнæджы хъауджыдæр æрыгон ахуыргонд, абаргæ-историон мадзалæй пайда кæнгæйæ, абаргæ æвзагиртасынады фæрцы Николай Марры хъуыдытæ дарддæр ахæццæ кодта, стæй ирон æвзаджы æмæ ирон адæмы историйы бæлвырд уагæвæрд сарæзта. Абайы-фырт æвзаджы рæзты теорийы ахадындзинадæн стыр аргъ скодта.

Æвзаджы рæзты теорийы наукон бындурæвæрынад нымад кæй æрцыд, уый руаджы дыууæ ахсджиагдæр фарсты (фыццаг — æвзаджы сæвзæрды æмæ йæ рæзты фæткы æргомкæнынад; дыккаг — адæмы историйы иртасынад) алыг кæнынæн ахсджиаг теоретикон бындур арæзт æрцыд (1, 179).

Адæмы æхсæнадон историйы æппæтæй рагондæр афонтæ раргом кæныны фадат кæй фæрцы ис, æрыгон ахуыргонды хъуыдымæ гæсгæ, æвзаг нымад у зонындзинæдты ахæм æвæрæныл (г). Ацы хъуыдыйы рæзтæн ахъаз кæнгæйæ, Васо 1952 азы уацхъуыд "æвзаджы истори æмæ адæмы истори"-йы фыста: "æвзаджы историйæ адæмы историмæ цæуæн æмæ адæмы рагон царды хабæрттæ æвдисынæн æвзаджы бæрæггæнæнтæ райсæн, стæй иннæрдæм æвзаджы алыхуызон ивддзинæдтæ равдисынæн, национ историйы бæрæггæнæнтæй пайда кæнгæйæ, адæмы историйæ æвзаджы историмæ цæуæн ис" (3,43).

Дыууæ нысангонд фарсты кæрæдзиимæ æнгом бæтгæйæ, æвзагæн йæ бон адæмы историйы фарстытæн дзуапп радтын кæй фæрцы уыдзæн, ахуыргонд уыцы ахсджиагдæр æууæлыл нымадта историон æмæ абаргæ-историон уагæй æвзагæн йæхи иртасынады къæпхæн. "æууæнкджын историон гуырæныл нымад уæвынæн æвзаг историон уагæй йæхæдæг хъуамæ хорз иртæстгонд уа: æвзаджы историйæ историйы æвзагмæ" (3,44).

Ирон æмæ æндæр кавказаг адæмты равзæрды истори иртасгæйæ, Абайты Васо советон æвзагиртасынады æппæтæй раздæр бакуыста иумæйаг бындуры теорийыл. Ирон æвзаг æмæ адæмæн ис дывæр фæзынд, зæгъгæ, уæлдæр амынд къабазы иртасынадон куыст кæнгæйæ, ахуыргонд ахæм хатдзæг скодта (Васойæн зындзинæдтæ чи бавзарын кодтаид, бæстæйы политикон уавæры уыцы ивддзинæдтæ нæ нымайгæйæ, ахуыргонд йæ царды фæстаг бонты онг ацы хатдзæгыл йæ зæрдæ нæ сивта).

Æмбарынадтæ "райстдзинад" æмæ "иумæйаг бындур" кæрæдзийæ хицæн кæнгæйæ, алыхуызон æвзæгтæ (тюркаг, араббаг æмæ æндæртæ) ирон æвзаджы сæвзæрдыл кæй сахадыдтой, Абайы-фырт уый рахатыд. Фæлæ рахицæн кодта æрмæст дыууæ структурæаразæг хайы. 1949 азы ахуыргонд йæ бындурон иртасæн куыст "Ирон æвзаг æмæ фольклор"-ы фыста": "Ирон æвзаг у кавказаг бындурыл сæвзæрæг персайнаг æвзаг, зæгъгæ, ныртæккæ фидарæй афтæ зæгъæн ис" (4, 11). Дыккаградонæй сæвзæрæг кавказаг фæзынд банымайæн ис хæдбар структурон æууæлыл (4,76).

Абайы-фырт Николай Марры амынддзинæдтæй бирæтыл кæд сразы, уæддæр æххæст маррист Васойы схонæн нæй. Æвзæгты сæвзæрды æмæ рæзты иумæйаг фæткы хæйттæ кæй æххуысæй рацаразыны фæндон бахастæуыд, Васо Николай Марры уыцы сæйраг наукон æрхъуыдыдзинадыл — цыппархайон иртасынады мадзалыл — не сразы. Абайы-фырт абаргæ-историон мадзал цыппархайон иртасынадæй уæлдæр æвæрдта. Марризмы иузæрдион фарсхæцджытæ уыцы наукон сæрибардзинадæй райгонд нæ уыдысты. Ивгъуыд æнусы 20-40 азты æнæ бындурæй кæй фаудтой, Абайы-фырты дæр компаративистикæйы уыцы фарсхæцджыты хуызæн кæй бафхæрдтой, уый диссаг нæу. Фæлæ æфхæрдтытæ нæ нымайгæйæ, Васо йæ наукон хъуыдытыл йæ зæрдæ нæ сивта.

Советон наукæйы дарддæры рæзтыл чи сахадыд, 1940-1950 азты бæстæйы рауад къорд ахæм наукон быцæуныхасы. 1950 азы советон æвзагиртасынады рауайæг быцæуныхасы фæрцы марризмы "идеалистон æмæ догматикон" ахуырад дæрæнгонд æрцыд. Æртын азы дæргъы "æвзаджы тыххæй иунæг растыл нымад ахуырад" иуварсгонд кæй æрцыд, уымæн уыд идеологон æмæ политикон бындуртæ.

Куыд зонæм, афтæмæй дуджы политикон домæнты аккаг уæвæг марризм сæвзæрд советон æхсæнады революцион ивддзинæдты уавæрты. Æвзæгтæ хæдбарæй сæвзæрдысты, зæгъгæ, ахæм хабар фехъусын кæнгæйæ, Николай Марр бындурон æвзаджы царды тыххæй абаргæ-историон æвзагиртасынады классикон хъуыдытæ цæхгæр аиуварс кодта, куыдфæстæмæ иукæнынады фæрцы æвзæгтæй хъуамæ рауадаид иумæйаг дунеон æвзаг. 1920-1940 азты советон æвзагиртасынады сфидар уæвæг уыцы уагæвæрд нымад уыд амынд заман рауаинаг дунеон революцийы тыххæй хъуыдыйы бындурыл. Суанг кæнгæ дунеон æвзаг саразыныл дæр архайдтой, фæлæ 1950 азты райдайæны æддагон æмæ мидбæстон политикон уавæр цæхгæр кæй фæивта, уымæ гæсгæ раздæр фидаргонд концептуалон уагæвæрдтæн сæ ахадындзинад фесæфт. Уырыссаг æвзаг социализмы дуджы фидæны дунеон æвзагыл нымад уыдзæн, зæгъгæ, раздæры концептуалон уагæвæрдты бæсты ахæм ног хъуыды сæвзæрд (латинаг æвзаг незаманты æмæ райдайæн астæузаманы æвзагыл, францаг — феодализмы дуджы æвзагыл, англисаг та — капитализмы дуджы æвзагыл нымад куыд уыд, афтæ) (5,417). Хæсты фæстæ дунеон социалистон лагеры фæзынды уавæрты равзæрды теорийæн дæр æндæр ахадындзинад фæзынд. Николай Марры хъуыдымæ гæсгæ, славянты, дзуттæгты, араббæгты æмæ ирайнæгты æвзæгтимæ абаргæйæ, китайæгты, гуырдзиæгты, кæсгæтты, адыгæгтæ æмæ æндæр адæмты æвзæгтæ дæлдæр кæй лæууынц, уый нымайгæйæ, равзæрды теори бирæ адæмты национ æнкъарæнтæ хъыгдардта. Адæмты уыцы уагæй кæрæдзийы ныхмæ æнæбары кæй æвæрдтой, уый аххосæй Советон Цæдисы æмæ фæсарæйнаг национ ахастдзинæдтæн фехæлдæй тæссаг уыд.

Уавæр нымайгæйæ, дзыллæтæ сæхи атигъ кодтой Николай Марры теорийыл. 1950 азы 9 майы газет "Правдæ"-йы Чикобавайы уацхъуыдæй райдайæг, стæй уыцы аз 20 июны, 11 æмæ 28 июлы Сталины уацхъуыдæй дарддæр ахæццæ уæвæг марризмы критикæ къæпхæнгай наукон æмæ ахуырадон аудиторитæм раивта, быцæуныхасмæ наукон интеллигенцийы минæвæртты разæнгард кæнгæйæ.

Æрæджы дæр ма марризмы уагæвæрдтæй парахатæй чи пайда кодта, ныр та йæ æмхуызонæй чи фаудта, Абайты Васо уыцы адæмы фарс нæ рахæцыд. Абаргæ æвзагиртасынадæй гæрæнтæ кæй истой æмæ абаргæисторион мадзалæй наукон иртасынады ногæй пайда кæнын кæй райдыдтой, уыдæттæ нымайгæйæ, Васойы уавæр иу чысыл фæфидардæр. Абайы-фырт абаргæ — историон мадзалы фарс кæй хæцы, уый тыххæй йæ нал æфхæрынц æмæ йын йæ куыстытæй æвзаг æмæ адæмы историйы иртасынады къабазы ногæй пайда кæнын æмбæлы, зæгъгæ, газеттæ афтæ фыстой (6,17). Лингвистикон ириртасынады специалисттæ Абайы-фырты банымадтой ирон æвзаджы дæсныдæр иртасæгыл (7).

Фæлæ чысыл фæстæдæр наукон раныхæсты мидис бæлвырд фæивта. 1951 азы июны æвзагиртасынады фарстыты фæдыл Сталины уацхъуыдты рауагъдыл афæдз кæй сæххæст, уымæ гæсгæ газет "Правдæ"-йы мыхуыргонд чи æрцыд, Советон Цæдисы Наукæты академийы президент А.Несмеяновы, æвзагиртасынады институты директор В.Виноградовы æмæ æндæрты уыцы уацхъуыдтæ бахыгьтой Советон æвзагиртасынады быцæуныхасы хатдзæгтæ, стæй бæлвырдгонд æрцыдысты советон æвзагиртасынады фыццаградон хæслæвæрдтæ. Æвзагиртасынад Марры рæдыдтытæй æххæстæй ссæрибар кæнын æмбæлы æмæ марксизмæй пайда кæнын æмбæлы æвзагиртасынады, зæгъгæ, уацхъуыдтæ афтæ амыдтой (8). Ириртасынадыл бæлвырдæй чи фæбæрæг, марризм кæронбæттæн уагæй раргом кæныны фæдыл уыцы домæн ног быцæу ныхас райдыдта. Ацы хатт уæззаудæр цæф сæмбæлд Абайты Васойыл.

Республикон газетты æвзагиртасынады фарстытыл фыссыны тыххæй темæйыл ныхас кæм цыд, 1951 азы сентябры! уыд СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обкомы бюройы ахæм æмбырд. Гагкайы-фырт Абайты Васойы тыххæй кæй ныффыста, уыцы уацхъуыд "Марры ахуырдзау"-ы рæдыдтытæ кæй не 'ргом кæны, уымæ гæсгæ Абайы-фырты рæдыдтыты бæстон равзæрстимæ ног уацхъуыд ныммыхуыр кæнын æмбæлы, зæгъгæ, æмбырды уынаффæйы фыццаг пункт газет "Социалистическая Осетия"-йы редакторæн афтæ бацамыдта (9,132).

Цыбыр рæстæгмæ фæзынæг уацхъуыд ахуыргонды "гуымиры мадзалы рæдыдтытæ" фаудта. Ахуыргонды зылын кодтой уæлæфтуаны хуызы æвзаджы тыххæй Н.Марры амынддзинæдтæ банымайынæй, равзæрды теорийыл бакусынæй, стæй иукæнынады теори зыгъуыммæ æмбарынæй. Абайыфырт æвзаджы историйы æмæ историон семантикæйы фарстытæм "æгæр стыр" æргом кæй здахы, уый йын банымадтой йæ наукон куыстыты иумæйаг аиппыл. Хуымæтæджы уагæй бахынцыны фæрцы куыд рабæрæг, афтæмæй, 600 фарсы кæм ис, Абайты Васойы уыцы чиныг "Осетинский язык и фольклор" грамматикæйы фарстытæн рахай кодта æрмæст 60 фарсы. Уацхъуыды авторы ныхасмæ гæсгæ, Марры "ног ахуырад"-ы раззагдæр минæвæрттæй иу грамматикæйыл стырзæрдæ кæй у, уый аххосæй ирон æвзагмæ ныронг нæдæр наукон, нæдæр фæлгонцадон грамматикæ ис" (10).

Газеты иннæ уацхъуыды фыст ис: "Ириртасджытæ уайтагъд кæуыл сразы сты, æвзаджы уæлæфтуан миниуæджы, стæй æвзаджы гибриддзинады тыххæй Н.Марры уыцы æвидауц хъуыдытæ уæлдай фылдæр знаггад æрхастой ирон æвзагиртасджытæн. Н. Марры æмæ йæ "ахуырдзауты" ацы хылы-мылы хъуыдытæ чи не 'взары, уыцы иуæй-иу ириртасджытæ фæрсынц мæнæ афтæ: "Рæхджы чи хъуамæ фесæфа, уыцы ирон æвзаджы фарстытæ иртасын æмбæлы?" (11).

"Буржуазон-националистон уагæвæрдты" ныхмæ тох кæй рапарахат, ирон адæмы рагон цард æгæр кæй стауынц æмæ ириртасынад Нарты кадджытæн æгæр стыр аргъ кæй кæны", уыдæтты аххосæй Абайты Васойыл æмæ ма ноджыдæр цалдæр ахуыргондыл ноджы биноныгдæр комкоммæ уагæй кусын райдыдтой (12, 146). Ахуыргæндтæ канд æмгуыстгæнджыты нæ, фæлæ сæхи дæр цæмæй фауой, уый сæ домдтой.

1951 азы декабры Цæгат Ирыстоны наукон æхсæнады сæвзæрд уæлдай æндыгъддæр уавæр. Джыккайты А., В.Сухотин æмæ Советон Цæдисы Наукæты академийы Æвзагиртасынады институты директоры хæдивæг Б. Серебренников кæй автортæ уыдысты, уыцы рæстæг газет "Правдæ"-йы фæзынд ахæм уацхъуыд "æвзагиртасынады фарстытыл сфæлдыстадон уагæй бакусыны тыххæй". Уацхъуыды автортæ æппæты дæр — фыццаджыдæр та, куыд загътам, афтæмæй хылы-мылы уацхъуыдтæ рауадзæг газет "Социалистическая Осетия" — карз уагæй рафаудтой. Абайты Васойы тыххæй уацхъуыды автормæ дæр дзы æрхауд.

Абайы-фырты тыххæй уацхъуыды автор раздæр Н. Маррыл æнувыддæр ахуырдзаутæй иуы æгæр кæй стауы, иннæ уацхъуыды та критикæйы æфсонæй "Абайы-фырты гуымиры методологон рæдыдтыты мидис кæй æмбæхсы æмæ йæ хорзæрдыгæй равдисыныл кæй архайы", уыдæтты тыххæй йæ рафаудтой (13).

Уыимæ сæйраг фаутæ Абайты Васомæ кæй хауынц, уый дызæрдыггаг нæу. Ахуыргонды зылын кодтой наукæйы ныхмæ цæуæг Н. Марры иртасынад фæнывыл кæнын бафæлварынæй, æвзаджы дывæр фæзынды тыххæй теорийы фарс хæцынæй, Нарты кадджыты феодалон æнкъарæнтæ хорзыл нымайынæй, рагон æгъдæуттæ стауынæй æмæ æндæр хъуыддæгтæй. Фæлæ Васо кæй ницы дзырдта, уый, мæнмæ гæсгæ, йæ фауджыты зæрдæмæ æппæтæй тынгдæр нæ цыд. Критиктæ кæд фаугæ кодтой, ахуыргæндтæ та сæ аххосыл кæд басастысты, уæддæр Абайы-фырт йæхи атигъ кодта лингвистикон быцæуныхасыл.

1951 азы декабры кæрон Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæн, стæй педагогон институтты бындурыл кæй сарæзтой æмæ ныхас æвзагиртасынады фарстытыл кæм цыд, уыцы конференцийы архайджытæй иуы — Б.Серебренниковы — раныхасы фæстæ дæр Абайты Васо йæ "наукон рæдыдтытыл" нæ басаст. Доклад кæнгæйæ, Советон Цæдисы Наукæты академийы Æвзагиртасынады институты директоры хæдивæг æрмæстдæр "Марры фарсхæцæг адæймаджы рæдыдтытæ æргом кодта". Б. Серебренниковы ныхасмæ гæсгæ, Васо йæ куыстыты Н. Марры знаггадхæссæг уагæвæрдтæ æвдисы, канд уый нæ, фæлæ ма сын сæ рæзтæн дæр ахъаз кæныныл архайы" (14). Фæлæ ахуыргонд йæхи æвдыста хинæйдзаг фаутæ нæхъусæгæй æмæ разæнгардæй куыста.

Абайы-фырт фæлитой ныхмæлæуджыты фаутæн цæй фæрцы бафæрæзта?.

Алы стыр ахуыргонд куыд кæны, афтæ Васо дæр архайдта, мæты йæ æфтауæг фарстытæ алыг кæныны фадат кæй фæрцы ис, ахæм наукон фæндагыл цæуыныл, иннæтæм кадджын чи у, ахæмтæм æргом не здахгæйæ æмæ наукон кад фесафынæй нæ тæрсгæйæ. Ахæм зондахаст стыр граждайнаг хъæбатырдзинад кæй домдта, уый дызæрдыггаг нæу. Ахуыргонды наукон хъуыдытæ дуджы социалон æмæ идейон-политикон домæнтæй кæй хицæн кодтой, уый аххосæй тæссаг уыд цауд фæстиуджытæ расайынæй. Дзæвгар рæстæг наукæйы бакусгæйæ, Васо цалдæр хатты йæхиуыл бавзæрста ахæм хицæнкæнынады цауд ахадындзинад. Фæлæ уавæртæ нæ нымайгæйæ, Абайы-фырт æддаг бакастæй уыд сабыр. Наукæйы хицæн фæндаг ссарæн кæй фæрцы уыд, ахуыргонд йæхицæн уагахасты ахæм хуыз равзæрста. Абайыфырт йæхи абарста дæлдондзæуæгимæ: "Уадцымгæ кæй уæлцъар схъомпал кæны, уыцы денджызы 10-15 метры арф вæййы сабыр, дымгæ аквалангистты нæ хъыгдары. Æз дæр афтæ кæнын. Рæстæгæй-рæстæгмæ сæвзæрæг цауд уавæртæй мæхи дардгомау айсын, куыд сæ нæ уынон, афтæ, æмæ дзæвгар рæстæг мæхи бамбæхсын денджызы арфы" (15,100).

Ахуыргонд лыггæнинаг фарстытæй йæхи бамбæхсын фæлвары, зæгъгæ, газеткæсæг афтæ æнхъæл ма фæуæд. Ахæм уагахастæн ис æндæр æфсон. Алы дæсны адæймаг куыд кæны, афтæ Васо дæр йæ рæстæг æмæ хъарутæ æнæхъуаджы хъуыддæгтыл нæ хардз кодта, уымæн æмæ йын ацы хъуыддæгты аххосæй йæ наукон зонындзинæдтыл æфтауыны фадат нæ уыдаид. Наукон куыст кæнынæн Абайыфырт раст фæндаг кæй равзæрста æмæ размæвæрд нысантæ къухы цæмæй бафтой, уый тыххæй йæ сæрибар уæвын кæй хъæуы, мæнмæ гæсгæ, уыдæттæ хатыны фæрцы ахуыргондæн йæ ныхмæлæуджыты фаутæн бафæразын бантыст. Ацы хъуыды раст кæй у, ууыл дзурæг у мæнæ ахæм хабар: "Адæймаг наукон уагæй цæмæй рæза, уый тыххæй йæ хъæуы æххæстæй сæрибар уæвын, уымæн æмæ адæймаг хæдбар куысты фæрцы кæй сфæлдисы, æрмæст уæлдæрамынд æууæлимæ уыцы наукон зондахастытæ кæрæдзи ивдзысты", — фехъусынгæнæг, XX æнусы зындгонд ахуыргонд Владимир Вернадскийимæ Васойы иузæрдиондзинад (16, 129).

Алы æнусæн дæр ис хи астæузаман, зæгъгæ, дунеон культурæйы иннæ зындгонд минæвар Станислав Ежи Лец афтæ загъта (16, 352). XX æнусы Уæрæсейæн дæр уыд хи астæузаман (уыцы рæстæг культурæ æмæ наукæйы сæдæгай мин кусджытæ, атеистон паддзахады цæргæйæ, ритуалон сæттынады фæтк бавзæрстой). Идеологон æлхъывдадæн нæ бафæразгæйæ, бирæтæ удыхъæды уагæй саст æрцыдсты. Хъуыдыйыл фæуæлахиз уæвæн нæй, зæгъгæ, зонындзинæдтæм тырнгæйæ æмæ зындзинæдтæн бафæразгæйæ, уды фидардзинады фæрцы ахæм хъуыдыйады æнæхиндзинад чи бавдыста, ахæм адæймæгтæ дæр уыд.

Адæм мæнæ афтæ фæзæгъынц: "Наутæй иутæ сыгъзæрины æмтадтæ кæуыл фæласынц, иннæтæ та кæсаг кæм ахсынц, наукæ абарæн ис ахæм фурдимæ". Дæргъвæтин рæстæг ахуырадон куыст кæнгæйæ æмæ зонындзинæдтæм тырнгæйæ, æвзагиртасæн наукæмæ зонындзинæдты æвæджиауы хæзнатæ чи хаста, Абайты Васойы абарæн ис ахæм науимæ. Зæхх цыфæндыйæдæр зилдух кæны, зæгъгæ, Галилео Галилейы ахæм ныхасы хуызæн хи ныхас зæгъын кæмæн бантыст, сфæлдыстады сæрибардзинадыл дзургæйæ, нæ уыцы зындгонд æмбæстагæн стыр кад кæнæм. 

ЦОРИТЫ Ингæ, историон наукæты доктор Нæ разагъды лæгтæ Сфæлдыстады сæрибары фарст ахуыргонды хъысмæты Абайты Васойы райгуырды 120 азы бонмæ 

«Рæстдзинад», №226 от 15.12.2020